12 января 2023, 11:12
Цæгат Ирыстонмæ 2022 азы æрбацыдысты 750 мин туристы
Уый, ивгъуыд азимæ абаргæйæ, у дыууæ хатты фылдæр
Цæгат Ирыстонмæ 2022 азы æрбацыдысты 750 мин туристы. Уый, ивгъуыд азимæ абаргæйæ, у дыууæ хатты фылдæр – загъта агентад «ТАСС»-æн профилон комитеты сæрдары хæдивæг Тебиаты Мæдинæ. Афæдзы райдианæй нæ республикæмæ æрбацыдысты 60 мин уазæджы. Фарон уыцы бæрæггæнæн уыдис æртын æртæ проценты къаддæр. Туристты уарзондæр бынæттæй иуыл нымад у Цъæй. Уымæй уæлдай республикæйы уазджытæн байгом кодтой хæххон трассæтæ Дыгургомы дæр.
темæмæ гæсгæ




