филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:40 воскресенье, 01 февраля 2026
13 января 2023, 11:08
Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб фембæлд республикæйы цæрджытимæ

Риссаг фарстатимæ йæм фæсидт 30 адæймаджы онг – куыд комкоммæ, афтæ дистанцион хуызы дæр

Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб парти «Иугонд Уæрæсе»-йы сæрдар Дмитрий Медведевы регионалон æхсæнадон исæнуаты фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Риссаг фарстатимæ йæм фæсидт 30 адæймаджы онг – куыд комкоммæ, афтæ дистанцион хуызы дæр. Мæхъиты Зураб зæрдæ бавæрдта, алы курдиатмæ дæр кæй æркæсдзæн. Фарстатæ баст уыдысты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, зæххы ахастдзинæдты æмæ культурæйы къабазимæ. Æххуыс бацагуырдтой, царды зын уавæры чи бахауд, ахæм адæм. Уыд, кæртытæм базилыны фæдыл курдиæттæ дæр. Афтæ Гадаты Анатолий Паддзахадон Думæйы депутатæн фехъусын кодта, йæ хæдзары цæрджыты цы фарста тыхсын кæны, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania