филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:22 воскресенье, 01 февраля 2026
18 января 2023, 11:31
Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд

Ныхас цыд Цæгат Ирыстоны республикæйы равзæрды 100 азы бонмæ цæттæ кæныны мадзæлттыл

Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд. Архайдтой дзы хицауады уæнгтæ æмæ районты сæргълæуджытæ. Ныхас цыд Цæгат Ирыстоны республикæйы равзæрды 100 азы бонмæ цæттæ кæныны мадзæлттыл. Премьер куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы ахджиаг историон цау бæрæггонд цæудзæн федералон æмвæзадыл. Уый тыххæй Указ Уæрæсейы Президент бафыста 2019-æм азы. Юбилейæн ис стыр нысаниуæг. Сæйраг мадзæлтты пълан арæзт у 15 хъуыдагæй. Уыдоны хсæн: Хъæбæлоты Билары номыл сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны рацарæзт. Объект нымад у культурон хæзнайыл. Уымæй дарддæр цалцæггонд цæуы Алагиры музейон парчы зонæ. Нæ размæ ис ахсджиаг хæс – æппæт пункттæ хæрзхъæд æмæ афоныл сæххæст кæнын, – загъта Дзанайты Барис.

Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ куыд радзырдта, афтæмæй, цалынмæ цалцæггæнæн куыстытæ цæуой, уæдмæ сывæллæтты сфæлдыстады галуаны педагогтæ æмæ хъомылгæнинæгтæн ахуыртæ цæудзысты æндæр ахуыргæнæндæтты. Объект эксплуатацийы раттынмæ хъавынц ацы аз фæззæджы. Базилынмæ ма хъавынц Æрыдоны историйы, культурæйы æмæ ахуырады музеймæ. Æмбырды ма стыр æргом аздæхтой дзыллон, культурон мадзæлттæ, форумтæ æмæ равдыстытæ аразынмæ. Уый тыххæй бæстон доклад скодта культурæйы министр Галазты Эдуард. Арæзт ма æрцæудзысты Цæгат Ирыстоны бонтæ Мæскуыйы. Сæйраг фæзты сæ курдиат равдисдзысты нæ республикæйы профессионалон коллективтæ. Уымæй дарддæр ма уыдзысты фæсивæдон культурон-историон форум, сувенирон продукцийы равдыст стæй рауаддзысты æвзист згъæр æхца «Цæгат Ирыстоны республикæйы равзæрды 100 азы».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania