18 января 2023, 12:05
Федералон æдасдзинады службæйы кусджытæ æрцахстой фæсарæнты цæрæг адæймаджы
Фæдызæрдыг ыл сты шпионажæй.
Федералон æдасдзинады службæйы кусджытæ æрцахстой фæсарæнты цæрæг адæймаджы. Фæдызæрдыг ыл сты шпионажæй. Нæлгоймаджы æрцахстой, Уæллаг Ларсы сæрты ахизынмæ куыд хъавыд, афтæмæй. Фæстæдæр ахст адæймаг барадхъахъхъæнджытæн равдыста, йæ телефоны цы æрмæджытæ уыд, уыдон. Куыд сбæрæг ис, афтæмæй нæлгоймаг Украинæмæ æрвыста, нæ бæстæйы гæрзифтонг тыхты хæцæнгарз цы бынат ис, уый тыххæй информаци, къамты æмæ видеойы æмрæджыты. Уæрæсейы слестгæнæг комитет сарæзта уголовон хъуыддаг.
темæмæ гæсгæ




