19 января 2023, 11:50
Тускъаты Таймураз сæххæст кодта авдаздзыд Хъуппеты Аличчы бæллиц
Лæппу архайдта æппæтуæрæсеон хæрзаудæн акци Бæллицты Заз бæласы
Тускъаты Таймураз сæххæст кодта авдаздзыд Хъуппеты Аличчы бæллиц. Лæппу архайдта æппæтуæрæсеон хæрзаудæн акци Бæллицты Заз бæласы. Алик Митын дадайæ ракуырдта ноутбук. Хъуппеты бинонты хъомыл кæны цыппар сывæллоны. Тускъаты Таймураз арфæ ракодта сабитæн æмæ сын сæ зæрдæ загъта æнæниздзинад, фарн æмæ амонд. Ноджы ма иу сабийы бæллиц сæххæст фыццаг вице-спикер Тхостаты Мураты фæрцы. 16 аздзыд Хъодзаты Азæмæт ракуырдта зондджын колонкæ. Куыд загъта, афтæмæй ахæм фæрæзмæ рагæй бæллыд. Азæмæтмæ ис дауны синдром, фæлæ йæ низ æппындæр нæ хъыгдары йæ царды æмæ райрæзты. Лæппу архайы ирон кафджыты къорды, йæхи фæлвары алы къабæзты.
темæмæ гæсгæ




