филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:50 воскресенье, 01 февраля 2026
26 января 2023, 12:00
Афæдзы кæронмæ Цæгат Ирыстоны бирæуæладзыгон хæдзæртты баивдзысты 94 лифты

Ныридæгæн республикæмæ æрбаластой 44

Афæдзы кæронмæ Цæгат Ирыстоны бирæуæладзыгон хæдзæртты баивдзысты 94 лифты. Ныридæгæн республикæмæ æрбаластой 44. Конд сты Омскы профилон заводы, æмæ дзуапп дæттынц дунеон стандарттæн. Ацы куыст æххæстгонд цæуы бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы регионалон программæмæ гæсгæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Къостайы проспекты 238-æм хæдзар арæзт æрцыд 1983-æм азы. 40 азмæ дзы лифт фыццаг хатт ивынц. Йæ эксплуатацийы рæстæгæй дзæвгар фылдæр фæлæггад кодта. Нормативтæм гæсгæ, йæ пайда кæныны æмгъуыд у 25 азы. Цæрджытæ рагæй тыхстысты лифты уавæрæй. Куыд зæгъынц, афтæмæй дзы пайда кæнын æдас нæ уыд.

Ахæм бирæуæладзыгон хæдзæртты ивынц зæронд лифтытæ ногтæй. Уый къухы *фты бындурон цалцæджы регионалон программæйы фæрцы. Фарон базылдысты 230 хæдзармæ. Куыст дарддæр æххæст кæнынц. Цæгат Ирыстонмæ æрбаластой 44 ног лифты. Уалдзæгмæ сæ сæвæрдзысты. Ног кусæнгæрзтæ бацæттæ кодтой Омскы профилон заводы. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй нæ бæстæйы конд механизмтæ  фидар сты æмæ бирæ рæстæг фæлæггад кæндзысты.

Эксплуатацийы размæ лифтыты уавæр сбæлвырд кæны сæрмагонд къамис. Йæ хыгъды сты технологон цæстдарды службæйы, лæггадгæнæн организацийы æмæ хæдзæртты хицæутты æмбаладты минæвæрттæ. Техникон æгъдауæй рæстмæ куыст, кабинæ куыд æмбырдгонд у, уый хæрзхъæддзинад – уыдон сты, лифт æдас у æви нæ, уый бæрæг кæныны сæйраг миниуджытæ. Алкæцыдæр æххæст у æдасдзинады системæйæ. Зæгъæм, лифты механизмы се *ппæт тростæ дæр куы аскъуыной, уæд скусдзæн тагъддзинады кусæнгарз æмæ кабинæ бауромдзæн. Уæвгæ, бындурон цалцæгмæ гæсгæ хæдзæртты æрмæст лифтытæ нæ ивынц, фæлæ ма бæстыхæйтты сæртæ дæр, ног кæнынц инженерон коммуникацитæ.

Лифтытæ цæттæ кæнынц Цæгат Ирыстоны бындурон цалцæджы фонды сæрмагонд заказмæ гæсгæ. Проекты иумæйаг аргъ у 117 милуан сомы. Азы кæронмæ ма республикæйы баивдзысты ноджыдæр 50 лифты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania