филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:40 воскресенье, 01 февраля 2026
26 января 2023, 12:03
Бæллицтыл куыст куы цæуа, уæд азты фæстæ дæр царды сæ бынат ссарынц

Дæнцæгæн æрхæссæн ис Сæбанты Барисы

Бæллицтыл куыст куы цæуа, уæд азты фæстæ дæр царды сæ бынат ссарынц. Дæнцæгæн æрхæссæн ис Сæбанты Барисы. Стыр ахуыргонд йæ райгуырæн бæстæйы патриот бæллыд, дыгуронау фыст æмдзæвгæтæ иу чиныгмæ æрæмбырд кæнынмæ. Ныр рухс федта чиныг «Дыгурон поэзийы антологи». Йæ саразæг Сæбанты Барисимæ фембæлд Сосранты Жаннæ æмæ йын бакæсæм йæ æрмæгмæ.

Экономикон наукæты доктор, профессор, академик, зындгонд ахуыргонд, курдиатджын ахуыргæнæг Сæбанты Барисмæ хъусгæйæ адæймагмæ фæзыны рухс фидæныл æууæнкдзинад. Барис кæд  бирæ азты Санкт-Петербурджы цард, уæддæр йæ мадæлон æвзагыл нæ сæстыр  зæрдæ. 60-йæм азтæй фæстæмæ кусы  фидæны фæлтæртæм æй  хæццæ кæныныл. Уæд райдыдта æмбырд кæнын Дыгурон поэзийы антологи.

Абон Барис цин кæны, чиныгæн цы чысыл хай рацыд, ууыл. Æмбырдгонд рафæлдахгæйæ дзы  ссарæн  ис рохуаты чи баззад, ахæм фысджыты æмдзæвгæтæ дæр.

Профессор Сабанты Барис у дæсгай  наукон куыстыты автор. Йæ монографитæ æмæ ахуыргæнæн  чингуытæ  сты стъолыл даргæ чингуытæ, куыд экокономикон къабазы дæснытæн, афтæ студенттæн дæр. Барис куыд зæгъы, афтæмæй наукон куыст зын нæу, зындæр у нæ фыдæлты æгъдæуттæ фидæны фæлтæртæм фæхæццæ  кæнын, стæй мадæлон æвзаг ма ферох кæнын.

Алы рæстæгæн дæр ис йæхи хъайтартæ фæзæгъынц. Сæбанты Барисы цардвæндаг цымыдисаг у. Хæрдыл цæугæйæ дæр пайдайаг уыд æхсæнадæн, уырдыгыл цæугæйæ дæр йæ мæт уыд адæмæн пайдайæг суæвын. 1994 – æм  азы хуынд æрцыд Ирыстоны уæды сæргълæууæг Галазты Æхсарбеджы фыццаг уынаффæгæнæгæй. Уæд фæзындысты паддзахадон  программæтæ «Нефть Осетии», «Горы Осетии», «Свободная экономическая зона» æмæ «Осетия как зона отдыха и рекреации». Ныр та ма йæ бирæ фæллæйттыл бафтыд иу. Бирæ азты кæмæ бæллыд, уый. Рухс федта чиныг «Дыгурон поэзийы антологи».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania