филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 воскресенье, 01 февраля 2026
27 января 2023, 12:02
Лæвар социалон лæггæдтæ исыны бар фæзындзæн мобилизацигонд адæмы, æфсæддонты æмæ бархионты бинонтæн

Парламенты депутаттæ фыццаг æркасты сразы сты адæмæн социалон лæггад кæныны тыххæй закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссынимæ

Лæвар социалон лæггæдтæ исыны бар фæзындзæн мобилизацигонд адæмы, æфсæддонты æмæ бархионты бинонтæн, стæй сæрмагонд операцийы чи фæмард, уыдоны бинонты уæнгтæн. Парламенты депутаттæ фыццаг æркасты сразы сты адæмæн социалон лæггад кæныны тыххæй закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссынимæ. Закъоны проект бацæттæ кодтой, æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæн уæлæмхасæн æххуысы нысанимæ. Зæгъæм, социалон-дзæбæхгæнæн центрты лæггæдтæ ацæргæ адæмæн æмæ инвалидтæн уыдзысты лæвар. Фæллойы æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ куыд загъта, афтæмæй фæнд кæнынц, сæ ведомствæйы бæрны кусæнуæтты бындурыл, чи фæцæф, уыдонæн социалон-медицинон реабилитацийы хайæдтæ саразын. Семæ кусдзысты дохтыртæ, психологтæ, юристтæ, социалон кусджытæ. Парламенты æмбырды ма сразы сты уырыссаг географион æхсæнады хъæппæрисимæ, Цæгат Ирыстоны æнæном хохæн «Беруаты Барис»-ы ном раттыны тыххæй. Уый уыд Уæрæсейы сгуыхт бæлццон, географион наукæты доктор, разамынд лæвæрдта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты экономикон, социалон æмæ политикон географийы кафедрæйæн, бирæ азты уыд университеты географион факультеты декан.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania