филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:16 воскресенье, 01 февраля 2026
27 января 2023, 12:03
Æппæтуæрæсеон акци «Тепло для героя» ахадгæйæ æххæстгонд цæуы нæ республикæйы дæр

Арæзт у парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хъæппæрисæй

Æппæтуæрæсеон акци «Тепло для героя» ахадгæйæ æххæстгонд цæуы нæ республикæйы дæр. Арæзт у парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хъæппæрисæй. Акцимæ се *вæрæн бахастой Алагиры 5-æм скъолайы ахуыргæнджытæ, ахуырдзаутæ æмæ сæ ныййарджытæ. Бацæттæ сын кодтой хъарм цъындатæ æмæ æрмкъухтæ. Хæрзаудæн куысты тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Цъындагæнæн судзинтæ къухты, къуымбил æндахы къуыбылой æмæ баххуыс кæныны фæндон – Алагиры 5-æм скъолайы ахуыргæнджытæ, ахуырдзаутæ æмæ ныййарджытæ се *вæрæн бахастой æппæтуæрæсеон акци «Тепло для героя»-мæ. Сарæзтой йæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ, баххæст кодтой хъæугæ æрмæджытæй.

Сабанты Маринæ – Алагиры 5-æм скъолайы райдайæн кълæсты ахуыргæнæг: «Махæн не скъоладзаутæ райстой хæс, цæмæй бацархайæм акциты. Никуы баззадысты не скъоладзаутæ, сæ ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ фæстейы. Бацархайдтам алыхуызон акциты, салдæттæн фыстам фыстæджытæ, скодтой алыхуызон дзаумæттæ. Афтæмæй мах нæ сывæллæттæн с æзæрдæты хъомыл кæнæм патриотизм».

Акцийы æппæтæй кæстæр архайджытыл бæрнон хæс æвæрд ис – ирд ахорæнтæй аив кæнынц фыстæджытæ æмæ сæ фидар кæнынц цæттæ дзаумæттыл. Хистæркъласонтæ дæсныбыд кæнынц цъындатæ æмæ æрмкъухтæ, бауадзынц дзы сæ уды хъарм.

Туаты Афинæ – Алагиры 5-æм скъолайы 10-æм къласы ахуырдзау: «Мах æй тынг дзæбæх æмбарæм, нæ лæппутæ цæмæ сты тохы быдыры, уый. Тынг нæ фæнды уыцы чысыл æххуыс сын бакæнын, цæмæй сæм уыцы хъарм бахæццæ уа».

Хæдзары аудындзинад æнкъарын – ахсджиаг у цавæрфæнды уавæры дæр. 10-æм январæй 23-æм февральмæ алкæйы бон дæр у, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ арвитын, хи къухтæй конд лæвæрттæ.

Демыраты Вячеслав – Алагиры районы минæвæртты æмбырды сæрдары хæдивæг: «Ртæккæйы царды сабырдзинадæй ахсджиагдæр ницы ис. Хæсты чии с, уыцы адæм хъуамæ рох ма уой. Цы хъарм дзаумæттæ сын кæнынц сывæллæттæ æмæ ацæргæ адæм, уыдон зæрдæйыл сæмбæлдзысты æмæ сын æхсызгон уыдзæн. Æнæнизæй ссæуæнт. Ахсджиагдæр уый у, æмæ ацы хабæрттæ кæронмæ æрцæуой, æмæ уæлахизæй, сæрæгасæй ссæуа алчидæр йæ бынатмæ, уымæй ахсджиагдæр ницы ис».

Алагиры бирæ цæрджытæ бахастой се *ххуысы хай акцимæ. Фронтмæ дзаумæттæ бийынц æрмæст скъолайы нæ, фæлæ фæскуыст – хæдзæртты дæр.

Хестанты Асмати: «Чызджытæ абадæм, цъындатæ сбийæм, сæ къæхтæ цæмæй хъармы уой. Нæ бон сын æндæр ницæмæй у феххуыс кæнын. Бæргæ гæнæн куы уаид, уæд сын хъарм хæринаг дæр бахæссид адæймаг, фæлæ уый нæ бон нæу. СÆ ныййарджытыл дзæбæхæй сæмбæлæнт, зæрдæрухсæй».
Акци æххæстгæнгæйæ, цы дзаумæттæ æмæ фыстæджытæ сæмбырд уа, уыдон ратдзысты парти «Иугонд Уæрæсе»-йы гуманитарон æххуысы центрмæ, уый фæстæ сæ арвитдзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania