27 января 2023, 12:05
Адæмон фронты минæвæрттæ Донбассы сывæллæтты æмæ мобилизацигонд бинонты кæстæрты ахуыдтой Ихын галуанмæ
Мадзал арæзт æрцыд, проект «Адæмон фронт. Алцыдæр уæлахизæн» æххæст кæнгæйæ
Адæмон фронты минæвæрттæ Донбассы сывæллæтты æмæ мобилизацигонд бинонты кæстæрты ахуыдтой Ихын галуанмæ. Мадзал арæзт æрцыд, проект «Адæмон фронт. Алцыдæр уæлахизæн» æххæст кæнгæйæ. Æхсæнадон кусджытæ æмæ Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг районы социалон лæггæдты комплексон центры специалисттимæ иумæ сывæллæттмæ сæхи аирхæфстой къахдзоныгътыл бырынæй. Фæстæдæр та сын байуæрстой адджинæгтæ. Сабитæй бирæтæ ихмæ рацыдысты фыццаг хатт, фæлæ къахдзоныгътæ сæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты. Сæхи ныхæстæм гæсгæ, ахæм балцæй райстой ирд æнкъарæнтæ.
темæмæ гæсгæ




