Мадзалы архайдта национ преми «2022-æм азы студент»-ы уæлахиздзау Туаты Алан дæр
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон исæнуаты паддзахадон думæйы депутат Таймазты Артурæн фембæлд уыди студенттимæ. Мадзалы архайдта национ преми «2022-æм азы студент»-ы уæлахиздзау Туаты Алан дæр. Хæххон паддзахадон аграрон университеты магистратурæйы фыццæгæм курсы студент рамбылдта номинаци «Ахуыргæнинæгты советы сæрдар»-ы. Гран-при уыди Мæскуыйы, архайдтой дзы бæстæйы 70 регионæй 1000 студенты. Фембæлды дыккаг архайæг уыди Мæскуыйы хъæууонхæдзарадон академийы студент Бицъоты Георгий. Уый та сси Мæскуыйы æппæтадæмон наукон форумы уалахиздзау. Таймазты Артур студенттæн арфæ ракодта æмæ сын йæ зæрдæ загъта ноджыдæр стырдæр æнтыстдзинæдтæ. Радта сын арфæйы фыстæджытæ.




