филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:13 воскресенье, 01 февраля 2026
31 января 2023, 11:54
Уæллаг фатерæй дон куы тæдза, уæд цы бакæнын хъæуы? – специалистты амындтытæ

Ам сæйрагдæр у – профилон куыстуæттæм афоныл курдиат бадæттын

Цардæй ист хуымæтæг цаутæ, уыимæ – арæх чи мбæлы, ахæмтæ. Уæллаг уæладзыджы цæрæг сыхæгтæ зындзинæдтæ æвзарын кæнынц, сæ бынмæ чи цæры, уыдонæн. Бæлвырддæр та – быннæгты царæй тон тæдзы, фæлæ фарста алыг кæнын не нтысы. Ахæм уавæры ныртæккæ ис нæ программæйы дарддæры æрмæджы хъайтар. Куыд аиуварсгæнæн ис хъуыддаг, уый равзарыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Баситы Ларисæйæн ныр цалдæр азы йæ зæрдæ нæ райы йæ фатеры уавæрæй. Йæ царыл доны фæдтæ, къултæ афаз сты, æппынæдзух уымæл пъолтæ. Уый нæ, фæлæ ма дзы цалцæггæгæн куыстытæ бакæнæн дæр нæй, – зæгъы сылгоймаг. Фидарæй йæ уырны – ахæм уавæры аххосаг у, йæ сæрмæ цы сыхæгтæ цæрынц, уыдоны коммуникацитæ раст конд кæй не сты, уый.

Йе ххуысы хай бахæссын нæ бавгъау кодта уæллаг фатеры хицау Дзукъаты Алыксандр. Фæлæ куыд зæгъы, афтæмæй йæ хæтæлтæ сты раст конд, уымæн æмæ сæ æрæджы баивта.

Хуымæтæг цардæй ист цау, фæлæ ацы хатт ныддæргъвæтин. Фарста алыг кæныны тыххæй адæм сæ хъаст бахæссынц алы бæрнон куыстуæттæм, суанг пъæлицæмæ æмæ прокуратурæмæ. Фæлæ специалисттæ зæгъынц, ам хъæуы æндæрхуызон архайын. Фатеры дон куы кæла, уæд 12 сахаты мгъуыдмæ хъæуы аварион службæмæ бадзурын. Специалисттæ скæндзысты аргъ, уавæр цавæр зиан æрхаста, уымæн, æмæ скæндзысты акт. Сыхæгтæн та сæ бон уавæр равзарын у кæрæдзиимæ баныхас кæнгæйæ, кæнæ та тæрхондонмæ хъаст бадæттын.

Æмбæлгæ гæххæттытæ куы уа, уæд фарста лыггонд æрцæудзæн æнæ къуылымпытæй. Ам сæйрагдæр у – профилон куыстуæттæм афоныл курдиат бадæттын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania