01 февраля 2023, 11:44
Цæгат Ирыстоны райдыдта хъахъхъæнæн-дзыллон æмæ æфсæддон-патриотон куысты мæйон
Мадзал кадджын уавæры байгом кодтой Намысы Мемориалы
Цæгат Ирыстоны райдыдта хъахъхъæнæн-дзыллон æмæ æфсæддон-патриотон куысты мæйон. Мадзал кадджын уавæры байгом кодтой Намысы Мемориалы. Патриотон организациты æмæ ветеранты советы минæвæрттæ, æфсæддонтæ æмæ скъоладзаутæ Æнусон арты цур сæвæрдтой дидинджытæ. Мадзал у æрвылазон. Фæаразынц æй Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны агъоммæ. Бацæттæ йæ кæны Дзæуджыхъæуы администрацийы фæсивæдон политикæйы комитет.
темæмæ гæсгæ




