Уый баст у Фыдыбæстæйы стыр хæсты Сталинграды бын советон салдæттæ немыцаг фашистты куы ныппырх кодтой, уыцы цауимæ
Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц æфсæддон Намысы Бон. Уый баст у Фыдыбæстæйы стыр хæсты Сталинграды бын советон салдæттæ немыцаг фашистты куы ныппырх кодтой, уыцы цауимæ. 200 бонæй фылдæр Сталинград хъахъхъæдтой 750 мин советон салдаты. Мингæйттæй баззадысты хæсты быдыры. Цæгат Ирыстонæй Сталинграды хæсты архайдта 5 мин адæймагæй фылдæр. Уыдонæн сæ фылдæр æнустæм баззадысты хæсты быдыры, фæлæ сæ хъæбатырдзинад абон дæр рох нæу. Сталинград хъахъхъæнгæйæ фесгуыхтысты не мзæххонтæ Плиты Иссæ, Карсанаты Хъазыбег, Тогызты Хъауырбег, Билаонты Павел æмæ æндæртæ. Волгограды уынгтæй иу хæссы не мзæххон Бæрæзгаты Харитъоны ном. Уый тохы быдыры равдыста æмбисонды æхсардзинад. Батальоны командæгæнæг куы фæмард, уæд хæстонты разамынд Харитъон райста йæхимæ. Фæмард уæззау цæфтæй. Бæрæзгаты Харитъоны хъайтардзинад хъуыдыйаг у Волгограды цæрджыты цалдæр фæлæрæн. Йæ цырдзæвæн рохуаты нæу.




