филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:07 суббота, 31 января 2026
07 февраля 2023, 11:36
«Уæллаг Ларсы» арæнты сæрты ахизынмæ сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц транспорты мин иуæгæй фылдæр

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодтой Дзанайты Барисæн

Цæстдарæн-уадзæн пункт «Уæллаг Ларсы» арæнты сæрты ахизынмæ сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц транспорты мин иуæгæй фылдæр. Уыимæ, куыд рог машинæтæ, афтæ уæзласæнтæ дæр. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодтой Дзанайты Барисæн. Фæлхасадмæ цæстдарды бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæйы гриппæй рынчынты нымæц раздæрау у бирæ, фæлæ уавæр у рæстæмбис. Тагъд æххуысы службæмæ курдиæтты нымæц нæ фæфылдæр. Суткæмæ вæййы 650 дзæнгæрæгмæ хæстæг. Тагъд æххуысы бригадтæ сты фаг. Республикæйы дарддæр цæуы æнæниздзинадхъахъхъæнынады модернизаци. Апрелы кæронмæ Мæздæджы фæзындзæн 3 фелдьшерон акушерон пункты. Экспертизæйы уал ис 2-æм арæндоны бындурон цалцæджы проектон-сметон документаци. Æппæт аиппдзинæдтæ аиуаврсгæнгæйæ кæронмæ фæуыдзæн къуырийы кæронмæ. Æмбырды Дзанайты Барис стыр æргом аздæхта фæндаггон хæдзарады фарстатæм.

Дзанайты Барис администрациты сæргълæуджытæн бахæс кодта, фæндæгтæ ихæй ныссыгъдæг кæнын. Трассæтæ хъуамæ уой æдас. Уымæй уæлдай, ныхас цыди æхсæнадон транспортыл. 25 ног автобусы цæттæ кæнынц Дзæуджыхъæуæй-Беслæнмæ маршрутмæ. 14 ныридæгæн дæр кусынц Дзæуджыхъæуæй Алагирмæ. Æрныхас кодтой ног трамвайтыл дæр. Иуы дзы къуылымпыдзинæдтæ ис электрон системæйы. Ацы фарста алыг кæнынмæ Дзæуджыхъæумæ ссæудзысты специалисттæ. Ацы мæй ма маршрутмæ ракæндзысты ноджыдæр æртæ ног вагоны, загъта Дзæуджыхъæуы администрцийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania