Ныридæгæн линимæ рацыдысты 14 ног автобусы
Банчы картæйæ бафидынæн терминал, ГЛОНАСС-ы системæ, тахометртæ æмæ видеоцæстдард. Республикæйы Сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ Дзæуджыхъæу æмæ Алагиры хсæн кусын райдыдта бæлццæттæласæн фæлварæн маршрут. Ныридæгæн линимæ рацыдысты 14 ног автобусы. ГЛОНАСС-ы системæ æвдисы транспорт цы ран ис, уый. Шофыры фæллойы фæткмæ цæстдарынæн та дзы æвæрд ис тахографтæ. Транспорты æмæ фæндаггон инфраструктурæйы комитеты куыд фехъусын кодтой, афтæмæй проекты фæрцы сбæрæг кæндзысты аиппдзинæдтæ, цæмæй адæмæн сæ балц уа æдас æмæ æхсызгон. Хæстæгдæр рæстæг, фæндаггаг бафидынæн царды рацæудзысты сæрмагонд транспортон картæтæ. Пенсиисджытæн, скъоладзаутæн æмæ дзы студенттæн уыдзæн льготæтæ. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, ивгъуыд азы республикæ райста 2 къæпхæны 65 ног автобусы. Кусдзысты муниципалон скондты æмæ регионты хсæн маршруттыл.




