Æрæфы районы хуыйæн фабрикæмæ сæргълæууæгæй куы æрбацыд, уæд, куыстуаты уавæр кæд хуыздæртæй нæ уыд, уæддæр йæ ныфс нæ асаст
Райгурæн бæстæ адæймаджы удæн зынаргъ куы уа, уæд ын æхцондзинад хæссынц йæ сыгъдæг уæлдæф æмæ йæ адæмы райдзаст цард. Фæнды йæ йæ фыдæлты хъуыддæгтæ фидæны фæлтæртæм хæццæ кæнын, стæй ма сыл æфтауын. Уыцы адæмы рæнхъмæ бахæссæн ис Цыколайы минæвар Таухъазахты Алыбеджы. Йæ зæрдиаг куысты тыххæй йын саккаг кодтой Цыколайы кадджын гражданины ном. Бæстондæр хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты.
Адæймаг тухæнтæй цы хъуыддаг саразы, уымæн ферох кæнæн нæй. Таухъазахты Алыбег Æрæфы районы хуыйæн фабрикæмæ сæргълæууæгæй куы æрбацыд, уæд, куыстуаты уавæр кæд хуыздæртæй нæ уыд, уæддæр йæ ныфс нæ асаст. Агуырдта гæнæнтæ æмæ амæлттæ, цæмæй адæмæн пайдайаг куыстуат уа, Цыколайы, ууыл. Æмæ йын бантыст, зæгъы фабрикæйы бирæ æзты дæргъы чи кусы, уыдон.
Алыбег, йæ фæстæ ацы куыстуаты сæргъы кæй ныууагъта æмæ йын йæ хорз традицитæ чи фæфылдæр кодта, уыцы Таухъазагъты Ирбегимæ куыстуаты фæзуатыл зилгæйæ йе нкъарæнтæ æмæ йæ цымыдисдзинад не мбæхста.
Æрæфы районы хуыйæн фабрикæйы раздæры сæргълæууæг Таухъазагъты Алыбег, ардыгæй куы ацыд, уæдæй куыстуаты хабæрттæ ныхæстæй зыдта, фæлæ йæм цæугæ та, 17 азмæ фыццаг хатт æрбакодта. Йæ зæрдæ рухс кæны ныртæккæ куыстуат республикæйы хуыздæрты номхыгъды кæй у, уымæй.
Алыбег Ирыстоны бирæ паддзахадон куыстуæтты куыста, йæ фидар зонд æмæ хæлар зæрдæйы ахаст бирæты фæхайджын кодта. Хорзæхгонд æрцыд бирæ алы æмвæзады хæрзиуджытæй йæ æнæзæрдæхудт куысты тыххæй. Фæлæ йын ныр та йæ райгуырæн хъæуы цæрджытæ саккаг кодтой Цыколайы кадджын адæймаджы ном. Радтой йын æй Æрæфы районы адмистрацийы.
Кæд ныртæккæ Таухъазагъты Алыбегæн йæ куысты бынат Мæскуйы у, уæддæр йæ райгуырæн хъæу нæ рох кæны. Йæ сыхæгтæ та йæм фенхъæлмæ кæсынц зæрдиагæй.
Цард дугъон бæхæй уæлдай кæй нæу, уый алчи дæр æмбары, фæлæ царды хæзнатæн та, уый æмбаргæйæ бирæтæ æмбæлгæ аргъ нæ кæнынц. Афтæ зæгъæн нæй Цыколайы кадджын гражданины номы аккаг чи суа, уыцы Таухъазагъты Алыбегæй. Йæ æрвылбоны царды ары бынат æмæ рæстæг йæ райгуырæн бæстæимæ баст хъуыддæгтæ æмæ адæмæн. Куыд фæзæгъынц – адæмы аккаг суæвын у уды фæндон æмæ фæллой. Фæзминаг æхсæнады уæнг, хъæуы кадджын цæрæг, уарзон фыд æмæ куырыхон Дада Таухъазагъты Алыбег ма архайы сæ мыггаджы равзæрд, сæ кадджын хистæрты нæмттæ фæлтæртæ куыд ма ферох кæной, ууыл. Агуры нырыккон гæнæнтæ, фæсивæдæн цымыдисаг куыд уой, æмæ сæ куыд фæнда сæ раздзæуджыты æгъдæуттæ дарддæр хæссын, уымæн. Сарæзта сæ мыггаджы равзæрды тыххæй чиныг, скодта мыггагæн сæрмагонд нысан. Куыд дарддæр афтæ фылдæр æмæ æхсæнадæн, йæ алфамбылайы адæмæн пайдайаг хъуыддæгтæ аразыныл у йæ хъуыды Таухъазахы фыртæн. Цыколайы гражданини кадджын ном та йын дæтдзæн хъару.




