Программæйы фæрцы хицæн къорды адæмæн ис фадат цæттæ цæрæнуат балхæнынæн
Цæгат Ирыстоны райдыдта Уæрæсейаг бинонтæн цæрæнуаты программæйы æртыккаг къæпхæн — хъусын кæны республикæйы арæзтады министрад. Программæйы фæрцы хицæн къорды адæмæн ис фадат цæттæ цæрæнуат балхæнынæн. Аразæг компани бацæттæ кæны бирæуæладзыгон хæдзæрттæ, сæ аргъ дыууын проценты къаддæр, афтæмæй. Программæйы фыццаг къæпхæны бацархайдтой 229 бинонтæ. Уыдон сæ цæрæнуæттæ райстой 2022 азы кæрон. Дыккаг къæпхæны архайджытæ систы 110 адæймаджы. Уыдон сты инвалидтæ, стæй бирæсывæллонджын бинонты минæвæрттæ. Сæ хæдзар сцæттæ уыдзæнис ацы азы кæрон. Бирæсывæллонджын бинонтæн аразæг компанийы номæй уыдис фондз проценты субсиди. Уыйбæрц ма сын бафтыдта республикæйы хицауад дæр. Æртыккаг къæпхæны руаджы сараздзысты ноджыдæр сæдæ цæрæнуаты. Программæ кусдзæнис 2024 азы кæронмæ.




