Ныр ахæм гæнæн ис
Мадæлон æвзагмæ æмхиц чи у, уыдон рагæй бæллыдысты, цæмæй иронау æмæ дыгуронау мыхуыр кæнынæн фæзына сæрмагонд программæ. Ныр ахæм гæнæн ис. Не мгусæг Сосранты Жаннæ æмæ йæ æвзагиртасæг Будайты Мурат бафæлвæрдтой.
Царды цыдимæ адæймаг хъуамæ æмдзу кæна ног домæнтимæ. Уый та ма æнцондæр куы кæной цард, уæд. Æвзагзонынад адæймагмæ фæхæстæгдæр кæнынæн фæзынд ног гæнæн. Кæд дзы ныры онг пайда кодтой уæддæр. Телефонæн бавæрæн.
Æвзаджы фидæнмæ куыд фæнды цæстæй чи нæ кæсы, уыцы æрыгон адæймаг Будайты Мурат ацы фæзындыл тынг цин кæны. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ фæрцы дзæвгар фенцондæр уыдзæни куыст.
Телефоны ацы бавæрæны фæрцы, мадæлон æвзагмæ æмхиц адæмæн æнцондæр уыдзæн сæ дзырдты хъæздыгдзинад фæфылдæр кæнын, уыимæ та ма æнцондæртæй базонæн ис раст фыссынад.




