21 февраля 2023, 11:17
Цæрджытæ кæй фидынц, уыцы нуазыны донæн фиддонты бæрцыл республикæйы бафтауынмæ нæ хъавынц
Уый тыххæй фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Мæйрæн
Цæрджытæ кæй фидынц, уыцы нуазыны донæн фиддонты бæрцыл республикæйы бафтауынмæ нæ хъавынц. Уый тыххæй фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Мæйрæн. Ацы къабазы райрæзты фæлварæн программæмæ гæсгæ, республикæйы цæуы дондзæуæн системæйы консолидаци. Фыццаг къæпхæны хъуамæ баиу кæной Дзæуджыхъæуы дондзæуæн системæ, Кировы районы дыууæ куыстуаты, Æрыдоны дондзæуæн хызтæ æмæ Мæздæджы дондзуæнтæ.
темæмæ гæсгæ




