филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:46 воскресенье, 01 февраля 2026
21 февраля 2023, 11:18
Лæвар юридикон æххуыс кæмæн æмбæлы, уыцы адæмы номхыгъд гæнæн ис, æмæ фæуæрæхдæр уыдзæн

Ууыл ныхас цыд Парламенты Советы æмбырды

Лæвар юридикон æххуыс кæмæн æмбæлы, уыцы адæмы номхыгъд гæнæн ис, æмæ фæуæрæхдæр уыдзæн. Ууыл ныхас цыд Парламенты Советы æмбырды. Бахастой, номхыгъдмæ мобилизацигонд адæмы, стæй сæ бинонты бафтауыны фæндон. Ивддзинæдтæ кæм уыдзысты, уыцы закъоны проект æрвыст æрцæудзæн фыццаг æркастмæ. Дзырдтой ма промышленносты райрæзтыл дæр. Парламентаритæ æркастысты, термин – регионалон технологон парк сфидар кæныны закъоны проектмæ. Уымæ гæсгæ ма хъæудзæн, промышленносты райрæзты, стæй куыстуæтты регионты хсæн æмæ æппæтадæмон архайдæн æххуысы фондтæ саразын. Депутаттæ ма хорзыл банымадтой иу закъон. Уымæ гæсгæ республикæйы Хицауадæн лæвæрд æрцæудзысты бынæттон хиуынаффæйады оргæнты бартæ зæххæй пайда кæныны æмæ арæзтады генералон пълантæ фидар кæныны фæдыл. Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй уынгты уавæр баст у горæты арæзтады архайды закъонтæ раст æххæст кæнынимæ. Парламенты сæрдар профилон комитетæн бабар кодта бакусын республикæйы райрæзты фарстайыл ацы къабазы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania