Уымæй стырдæр хорзæх та нæ хъæуы, йæ царды асинтыл рæстдзæвин куыст кæнгæйæ чи цыд, æмæ цæуы, уыцы адæймаджы.
Кады аккаг – йæ цард, дæнцæгæн æрхæссинаг – йæ куыст, йæ рæдау зæрдæ æмæ адæмуарзондзинад. Афтæ зæгъæн ис, Ирыстоны кадджын хъæбул, Дунейыл йе *нæхин куысты фæрцы йæ ном кæмæн рапарахат, уыцы Боллоты Таймуразæй. Уый йе 70 азы юбилейыл æмбæлы, адæмы фарнæй фæхæйджын уæвгæйæ. Уымæй стырдæр хорзæх та нæ хъæуы, йæ царды асинтыл рæстдзæвин куыст кæнгæйæ чи цыд, æмæ цæуы, уыцы адæймаджы.
Чи зыдта азты размæ, æмæ бирæ бинонты хъомылгæнинаг, хæзныдойнаг хъæуккаг лæппуйы арæхстджын куысты фæрцы Уæрæсейы бирæ горæтты цæрджыты гæнæнтыл бафтдзæн, уый. Абон йæ хъæппæрисæй Бæстæйы 14 горæты кусы 14 егъау хуыйæн фабрикæйы. Сæ фылдæр сты, куысты бынæттæ кæм нæ фаг кодта, ахæм рæтты.
Уæвгæ, цы ныр, цы бæгæны фыцæн фабрикæйы президент уæвгæйæ Боллойы фырты хъуыды уыд – адæмы аккаг хъуыддæгтæ аразын. Санкт – Петербурджы цæргæйæ йын йæ куыст искæй ныхæстæй чи нæ зыдта, уыдонæй иу у Сæбанты Барис.
Æрæфы районæй рацæуæг, иу уысм дæр никуы рох кæны йе *мхъæуккæгты рухс фидæнмæ æвæрæн бахæссын. Абон, Таймураз йæ сабибонтæ цы хъæуы рвыста, уый, Ирыстоны хуыздæр уавæртæ кæм ис, уыцы хъæуты номхыгъды фыццаг у. Йæ фæрцы асфальтæй æмбæрзт æрцыдысты Хæзныдоны æппæт уынгтæ. Цы хуыйæн фабрикæ дзы байгом кодта, уым та районы цæрджытæн фæзынд куысты бынæттæ.
Рæдау зæрдæйы миниуæг, æдæймаджы хорз ратæдзæнтыл дзурæг у. Афтæ Таймураз дæр фæхайджын йæ фæрнджын, кадджын хистæрты удыхъæды миниуджытыл. Йæ фыд Фыдæбæстæйы Стыр Хæсты ветеран, фыдыбæстæ знагæй суæгъд кæныны фæндæгтыл кæрæй кæронмæ чи фæцыд, Хæзныдоны куырыхондæр хистæртæй иу Боллоты Хъазыбег, никуы никæмæн бахæлæг кодта йæ рæстдзæвин хъуыдытæ, æхсæнадæн пайдайаг куыстыты сæргъы лæугæйæ. Йæ мад Болллоты – Тубеты Зурмæхан та æнусы æрдæгæй фылдæр балæвар кодта сывæллæтты хъомыладæн. Уыимæ уыд Таймуразæн дæр йæ фыццаг ахуыргæнæг.
Хæзныдоны цæрджыты уавæртæ фæхуыздæр кæныны фæстæ та Боллоты Таймураз бавнæлдта йæ фыдæлтæн зынаргъ бынат Дыгургомы хохаг хъæу Къумбылтæ сног кæнынмæ. Кæд дзы бирæ азты ничиуал цард, уæддæр Таймураз бацархайдта хъæубынатæн раздæры хуыз радтыныл. Канд цæрæн бынаттæ дзы не скодта, фæлæ ногæй сбæрæг сты зæппадзтæ, уæлмæрд, стæй ног цард радта хъæуы мæзджытæн.
Афтæ фæзæгъынц йæ фыдæлты хъуыддæгтæн аргъ чи нæ кæна, уый фидæны бæлццон нæу! Таймураз, йæ ныййарджыты райдзаст цæстæнгасыл хъуыды кодта æрвылбон дæр. Кад кодта æмæ кæны сæ удæн зынаргъдзинæдтæн.
Уæвгæ Боллоты Таймураз дæнцæг кæмæн у, ахæмтæ иу æмæ дыууæ не сты. Йæ куырыхон зонд æмæ дæсны уынаффæтæ бирæтæн фенцондæр кæнынц сæ хъуыдытæ цардмæ рæхæссын.
Уæдæ фидæны æнтыстджын адæймаг кæцæй рацæуы, уыцы хъуыддæгтыл дæр æнæ рахъуыды кæнгæ нæ вæййы Боллойы фырт. Бирæ азты йæ цæст дары Хæзныдоны рæвдауæндонмæ, стæй йæ мады фсымæры ном чи хæссы, уыцы скъоламæ.
Боллоты Таймураз Хæзныдоны Тубеты Сланбеджы номыл скъолайæн йе ддаг бакастæй, йæ мидæггаг уавæрты онг алцæуыл дæр мæт кæны. Фæнды йæ, цæмæй сабитæ рæзой æмæ зонд исой нырыккон гæнæнтæй æххæст уæвгæйæ.
Боллоты Таймуразы æрхъуыдыйы фæрцы ма Хæзныдоны, æртын азмæ хæстæг, архайы кафджыты къорд. Уыцы рæстæгмæ Ирыстоны, Хæзныдоны кой айхъуысын кодтой бирæ горæтты алы æмвæзады равдыстыты.
Хъæууон хæдзарадон институты рауагъдон, абон сæрдариуæг кæны ахуыргæнæндоныл аудæг советæн. Уырдыгæй райдыдта царды уадзын йæ хъуыды – студенттæн скæнын æрвылмæйон стипенди. Ныр æй исынц иннæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты 55 студенты.
Уæрæсейы æмæ дунейы бирæ кадджын хæрзиуджыты аккаг суæвæг, чиныг «Санкт -Петербурджы зынгонд адæм»-мæ хаст чи æрцыд, уыцы Боллоты Таймуразы цард азтæй нымайгæ нæу, фæлæ йæ сарæзт хъуыддæгтæй. Йæ рæдау уæды фæрцы йе ргом здахы царды алы къабазмæ дæр. Фæнды йæ бахъахъхъæнын фыдæлтæй байзæддаг культурæ, истори, æвзаг- фæлтæртæм сæ фæхæццæ кæнын.




