28 февраля 2023, 11:20
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд æрыгон фысджыты æмæ поэтты фембæлд Челябинскæй поэтессæ Нина Ягодинцеваимæ
Уазæг радзырдта прозæйы хуызы уацмыстæ фыссыны арæзтады тыххæй, раргом кодта поэтикон рæнхъытæ фыссыны сусæгдзинæдтæ
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд æрыгон фысджыты æмæ поэтты фембæлд Челябинскæй поэтессæ Нина Ягодинцеваимæ. Уазæг радзырдта прозæйы хуызы уацмыстæ фыссыны арæзтады тыххæй, раргом кодта поэтикон рæнхъытæ фыссыны сусæгдзинæдтæ. Мадзалы ма уыд поэтессæйы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Имена печали и любви»-йы презентаци. Ацы фембæлд арæзт æрцыд Челябинскы культурæйы паддзахадон институты проект «Мосты над облаками» æххæстгæнгæйæ. Йæ сæйраг нысан у литературæмæ æрыгон поэтты, фысджыты æмæ тæлмацгæнджыты æргом здахын.
темæмæ гæсгæ




