Алыхуызон программæты фæрцы сын фæзынд фылдæр гæнæнтæ сывæллæтты хъомыладæн
Рæстæджы цыдимæ хуыздæргæнгæ цæуынц хохаг хъæуты цæрджыты уавæртæ дæр. Алыхуызон программæты фæрцы сын фæзынд фылдæр гæнæнтæ сывæллæтты хъомыладæн. Рæстæг куыд æвдисы, афтæмæй хорз уавæртæ канд цард не нцондæр кæнынц, фæлæ ма сæ фæрцы фылдæр кæны ахуырады хæрзхъæдзинад дæр. Не сфæлдыстадон къорд бабæрæг кодта Æхсæрысæры ног цалцæггонд скъола. Сосранты Жаннæйæн ныхасы бар.
Дыууæ азы размæ Ахсæрысæры Хъиргъуыты Сократы номыл скъолайы, мæнæ ахæм уавæрты бæрæг кодтой сæ мадзæлттæ. Æнæмæнг ыл азтæ сæ фæд ныууагътой, æмæ йæ авналæнтæ нал уыдысты абоны цардыуагы домæнтæн дзуапп дæдтынхъом. Фæбæрæг кæнын хъæуы уый, æмæ йæ сарæзтæй скъола кæй никуы уыд бындурон æгъдауæй цалцæггонд.
Ныр национ проект «Ахуырады» фæрцы хъуыддаг цæхгæр раивта. Æхсæрысæры сывæллæттæ дзы канд аивгонд къултыл нæ цин кæнынц, фæлæ сæ ахуырадон процесс кæй фæцымыдысагдæр, ууыл. Цы ногдзинæдтæ сын дзы фæзынд, уыдонæй иу – «Точка роста». Сæ бон дзы у мидбынаты цалдæр хъуыддагæй сæхи æвзарын.
Райдзаст кълæсты ис алцыдæр ахуырады нырыккон домæнтимæ æмдзу кæнынæн. Интерактивон фæйнæджытæ, проектортæ, æнцон архайæн дзаумæттæ. Скъолайы цалцæггæнæн куыстытæ куы цыдысты, уæд сывæллæтты ластой Цыколамæ. Ныр уыцы рæстæг сæ зæрдыл дарынц скъоладзаутæ, æмæ цин кæнынц сæхи хъæуы скъолайы уавæртыл.
Скъолайы бындурон цалцæджы хæрзхъæддзинадмæ уыд лæмбынæг цæстдард. Скъолайы директор Катауты Мелсы ныхæстæм гæсгæ радтой сын бар равзарын къулты ахорæнты хуыз. Дæнæцæгæн равзæрстой Мæскуыйы хуыздæр скъолаты цалцæг.
Уæдæ скъолайы канд кълæстæ æмæ бацæуæнтæ нæ фæрайдзастдæр сты, фæлæ сæ хæрæндон дæр. Сæ цæлгæнæн та ифтонггонд æрцыд ног техникæйæ. Ахуыргæнæндоны спортивон залы уавæртæ дæр сты раппæлинаг. Цы скъоладзаутæ дзы архайы, уыдоны бон у районы æмвæзады ерысты сæхи фæлварын. Раздæр сын нæ уыд, сæхи кæм цæттæ кодтаикой, ахæм бынат. Ныртæккæ скъолайы ахуыр кæны 40 сывæллоны, ахæм хъæуæн уый чысыл нæу, фæлæ зæрдæ дарынц рæстæджы цыдимæ сæ нымæц кæй фæфылдæр уыдзæн, ууыл.




