филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:48 воскресенье, 01 февраля 2026
02 марта 2023, 12:49
Уалдзæджы райдианимæ сæ тыхы бацыдысты Уæрæсейы цавæрдæр закъæттæм хаст ногдзинæдтæ

Хауынц алыхуызон къабæзтæм

Уалдзæджы райдианимæ сæ тыхы бацыдысты Уæрæсейы цавæрдæр закъæттæм хаст ногдзинæдтæ. Хауынц алыхуызон къабæзтæм. Зæгъæм, фæндаггон змæлды æгъдæуттæм, маршрутон такситы шофырты куыстмæ, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады лæггæдты фиддонтæм. Ногдзинæдтæ равзарыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Нырæй фæстæмæ официалон æгъдауæй нысангонд æрцæудзæн хицæн транспортон фæрæзты статус. Сфидар сын кодтой сæрмагонд æгъдæуттæ. Ногдзинæдтæ хауынц электросамокаттæм, моноциклтæм æмæ гироскутертæм. Закъонмæ ивддзинæдтæ ныридæгæн сæ тыхы бацыдысты.

Ивддзинæдтæ бахастой тымбыл змæлдимæ алвæндагыл цæуыны æгъдæуттæм дæр. Афтæ, аивта иуварсы территорийæ рацæйцæугæйæ, алвæндагыл зилгæйæ сæйрагыл кæцы фæндаг нымад уыдзæн, уый.

Аивта хæдзæртты электроэнергийы иумæйаг хæрдзтæн фиддонтæ нысан кæныны методикæ дæр. Ногдзинæдтæ хауынц, нымайæн прибортæ кæм нæй, уыцы хæдзæрттæм. Ног фæткмæ гæсгæ, ацы хæдзæртты фиддонтæ нымайдзысты æндæр ахæм бирæуæладзыгон цæрæнуæтты хыгъдмæ гæсгæ.

Ивддзинæдтæ ма бахастой æндæр закъæттæм дæр. Афтæ, 1-æм мартъийæ маршрутон такситы шофыртæм хъуамæ уа, зылынгонд кæй нæу, уый тыххæй бæрæггæххæтт. Ногдзинæдтæ ма фæзындысты кусджыты сæрмагонд бæрæггæнæнтимæ куыстыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania