03 марта 2023, 11:55
Хохойты Энвер та бахаста ног æвæрæн Ирыстоны сфæлдыстады къæбицмæ
Рухс федта йæ ныффыст æрмæджыты æмбырдгонды фыццаг том «Солнце бытия»
Поэт, публицист, литературон критик, фысджыты æмæ журналисты Цæдисты уæнг Хохойты Энвер та бахаста ног æвæрæн Ирыстоны сфæлдыстады къæбицмæ. Рухс федта йæ ныффыст æрмæджыты æмбырдгонды фыццаг том «Солнце бытия». Снывонд æй кодта йæ кæстæр æфсымæры рухс номыл. Бахаста йæм йæ ног æмдзæвгæтæ, æмбисæндтæ, сæ фылдæр дзурæг сты Хохойты Энверы уарзондзинадыл йæ фыдыбæстæмæ, мадæлон æвзагыл аудындзинадыл. Чиныджы презентаци арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы фæсивæдон библиотекæйы. Ног æмбырдгонды тыххæй сæ хъуыдытæ загътой, фысджытæ, сфæлдыстадон кусджытæ. Мадзалы рæстæг ма Энверæн лæвæрд æрцыд Кавказы фысджыты клубы майдан.
темæмæ гæсгæ




