Фæндæгтæ заууат уавæры, хæдзæрттæ хæлынц, электрон тыхдæттæг телтæй пайда кæнын æдас нæу, кæцыдæр цæрæнуæтты та дон дæр нæй
Фарстатæ бирæ, фæлæ сæ алыг кæныны фадат нæй. Попов хутор ралидзгæ хъазахъхъæгтæн зæрдæмæдзæугæ цæрæн бынат афтæ дæр не сси. Фæндæгтæ заууат уавæры, хæдзæрттæ хæлынц, электрон тыхдæттæг телтæй пайда кæнын æдас нæу, кæцыдæр цæрæнуæтты та дон дæр нæй. Поселочы цæрджытæ сидынц алыхуызон ведомствæтæм æмæ æнхъæлмæ кæсынц æххуысмæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Ныртæккæ раздæры поселок Попов хутор у Дзæуджыхъæуы хай. Фæлæ хъазахъхъæгты цæрæн бынат горæты хуызæн æппындæр нæу. Нырыккон Попов хутор фæзынд 1993-æм азы. Цæцæнæй æмæ Мæхъæлæй 200 ралидзгæ теркаг хъазахъхъаджы æрбынат кодтой Дзæуджыхъæуы кæрон. Æрбахуыдтой сæ горæты разамынд æмæ Теркаг хъазахъхъаг æфсад. Афтæ Попов хуторы фæзынд 35 хæдзары. Æмбырдгонд уыдысты хъæдын тагтæй конд плитатæй, зæгъæн ис, æмæ æнæ фундаментæй. Рæстæгимæ райдыдтой къуыбырæй бырын æмæ хæлын, зæгъынц цæрджытæ. 6 хæдзары ныридæгæн нымад сты кæлæддзæгтыл. Поселочы арæх вæййы зынгсирвæзтытæ.
Хъазахъхъæгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй поселочы райрæзты проектмæ гæсгæ, фидæны ам фæнд кодтой саразын скъола, сывæллæтты рæвдауæндон, снысан кодтой зæххы хай дæр. 30 азмæ ницы сарæзтой, лыггæнинаг фарстатæ та фæфылдæр сты.
Донимæ къуылымпыдзинæдтæ ам кæддæриддæр уыд. Хæтæлтæ сты зæронд, æдзух кæмдæр тæдзынц. Уæдæ доны цыды тых дæр фаг нæу. Коммуникацитæ æрмæст хуторы цæрджытæн конд уыдысты.
Иу лыггæнинаг фарста ма – Попов хутормæ цы фæндаг цæуы, уый. Дзыхъхъытæ тыхсын кæнынц машинæты шофырты æмæ фистæгцæуджыты. Поселочы иунæг уынджы къахвæндаг нæй. Æрæджы сывæллæттæн цы хъазæн фæз сæвæрдтой, уый та фæндагæй æхгæд нæу.
Иерей Лазарь Попов хуторы æрæджы æрбынат кодта. Иумæйаг уынаффæмæ гæсгæ, цæрджытæ Уырыссаг Чырыстон аргъуанмæ фæсидтысты, поселочы администрацийы бæстыхайы цур аргъуан саразыны курдиатимæ. Цы æхца сæмбырд кодтой, уыдонæй скодтой пълан. Фæлæ сын горæты администраци разыйы дзуапп нæ радта.
Фæлæ префектурæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй хъазахъхъаг æхсæнад «Попов хутор»-ы курдиат сæххæст кодтой.
Ацы хайы хъазахъхъæгтæ сæхи тыхтæй скодтой сывæллæттæн футболон быдыр. Фæз ныппырх, цы зæххыл уыд, уый та, куыд рабæрæг, афтæмæй, хауы цæхæрадæтты æмбаладмæ.
Ацы бынат цæрынæн ралидзгæ адæм хуымæтæджы нæ равзæрстой – сæдæгай азты дæргъы теркаг хъазахъхъæгтæ службæ кодтой Дзæуджыхъæуы арæнты. Ныр та Попов хутор йæхæдæг у бахъахъхъæнинаг.




