филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:08 воскресенье, 01 февраля 2026
15 марта 2023, 12:05
Республикон газет «Рæстдинад»-ыл сæххæст 100 азы

Йæ фыццаг номыр рухс федта 1923-æм азы мартъийы

Республикон газет «Рæстдинад»-ыл сæххæст 100 азы. Йæ фыццаг номыр рухс федта 1923-æм азы мартъийы. Æмæ дзы сæйраг хъусынгæнинаг уыди – коммунистон партийы 25 азы бон. Афтæмæй райдыдта мыхуыры фæрæзы сфæлдыстадон фæндаг. 100 азы дæргъы «Рæстдзинад» йæ кæсджытæн дзырдта æмæ дзуры Ирыстоны ахсджиагдæр цауты тыххæй. Уыимæ – ирон æвзагыл. Газеты кусджытæ æппынæдзухдæр архайынц фæстаг хабæртты тыххæй æвæстиатæй дзурыныл. Объективон информаци хæццæ кæнын – уый иу, стæй дыккаг та – аив литературон æвзаг парахат кæнын. Уыцы традицитæ ныффидар кодтой газеты бындурæвæрджытæ. Æмæ сæ æнтыстджынæй æххæст кæнынц ныртæккæйы уацхæсджытæ дæр. Газеты фыццаг сæйраг редактор уыд Гæдиаты Цомахъ. Брытъиаты Елбыздыхъо æмæ Цæраимæ, стæй 20-æм æнусы Ирыстоны интеллигенцийы иннæ ирд минæвæрттимæ  сæ размæ сæвæрдтой зын, фæлæ ахсджиаг хæс – газеткæсджытæм бæлвырд информаци хæццæ кæнын. Уал азмæ сси тынг парахат мыхуыры фæрæз. Суанг-иу æй цæрджытæн бакастысты хъæуы æмбырдты дæр. Ныр, рæстæджы цыдимæ чи фæбур сты, уыцы газетты сыфтæ сты Ирыстоны æнусон историйы сæйраг хъахъхъæнджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania