Хаст æм æрцыдысты алы заманты ирон зындгонд драматургты уацмыстæ
Цæгат Ирыстоны электрон хуызы рацыд «Ирон драматургийы антологи»-йы фыццаг том. Хаст æм æрцыдысты алы заманты ирон зындгонд драматургты уацмыстæ. Рауагъдæй ис пайда кæнын 10 интернет фæрæзæй фылдæры, уыимæ лæвар. Хæстæгдæр рæстæг ма чиныг рацæудзæн мыхуыры дæр. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Ирон драматургты пьесæтæ ирон филологийы факультеты студенттæн лекциты циклы ахсынц зынгæ хай. Фаццыгкурсон Бæройты Миланæ зонгæ у Брытъиаты Елбыздыхъойы сфæлдыстадимæ. Йæ уарзондæр уацмыстæй иу – драмæ «Дыууæ хойы».
Бæройты Миланæ, ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты 1-æм курсы студенткæ: «Æз нæ факультетмæ куы æрбацыдтæн – ирон филологийы факультетмæ, уæд нæ гыццыл республикæмæ райдыдтон кæсын æндæр цæстæй. Бауарзтон æй фылдæр, базыдтон фылдæр хабæрттæ. Уыцы хабары мын æнæмæнг æххуыс кæнынц нæ фысджытæ. Уыдон æвдисынц ирон цард куыд уыди. Æмæ мæ бон у абарын – уæды æмæ ныры цард, куыд цыди, куыд цардысты, дарддæр цæмæ цæудзыстым. Уый мæ бон у бамбарын, уымæн æмæ нæ автортæ æвдисынц уый сæ драматургийы».
19-æм æнусы кæроны уацмысты – хохагты ирд æмæ арф, æнкъард, вазыгджын æмæ æнæнцой фæлгонцтæ. Раргом сты библиотекæйы фонды бургонд сыфтыл. Стæм рауагъдты чысыл тираж у факультеты сæрыстырдзинад æмæ рыст.
Гуытъиаты Эльмирæ, ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты декан: «Мах театрæн, мах адæмæн чи фæфыста, уыдон уыдысты нæ литературæйы, нæ культурæйы, не взаджы хуыздæр минæвæрттæ. Цы æнтыстдзинæдтæ сæ къухы бафтыд, уыдон та хъуамæ нырыккон фæсивæд дæр зоной. Мæнæ афтæ текст райс, бакæс, банкъар, бамбар ын йæ мидис, йæ рæсугъддзинад, уый стыр хъуыддаг у. Æмæ кæд ахæм фадат фæзынд мах студенттæн, мах адæмæн, уæд уый у тынг диссаджы хабар. Чий æ сарæзта, уыдоны цæрæнбон бирæ».
Хетæгкаты Къоста, Гуырдзыбеты Блашка, Кочысаты Розæ, Брытъиаты Елбыздыхъо, Хъороты Дауыт, Токаты Алихан. Ирон литературæйы ирд æмæ курдиатджын корифейты сфæлдыстад ныр сæмбырд кодтой иугонд электрон рауагъды. «Ирон драматургийы антологи». Фыццаг том. 500 сыфæй фылдæр. Жанры бындурæвæрджытæй нырыккон фысджыты онг. Иуæй-иу уацмыстæ æххæстæй мыхуыры фыццаг хатт уагъд сты.
Ацы хъуыдыйы фарс фарон рахæцыдысты культурон хъæппæристы президентон фонд æмæ республикæйы театралон архайджыты цæдис. Бакуыста йыл рауагъдад «Харизма». Иллюстрацитæ скодта Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Саулаты Сергей.
Ирон дæрддзæф хъæуты цард æмæ драмæ сценæйы. Адæмы хъысмæтты мидис ивгъуыд æнусы классикты аивадон æвзагыл æвæрд æрцыд национ театры бындуры.
«Ирон драматургийы антологи»-йы сæйраг нысан у – бахъахъхъæнын фæлтæрты театралон бастдзинад æмæ æнусон литературон традицитæ, зæгъынц йæ саразджытæ. Проектимæ электрон хуызы базонгæ сты студенттæ-лингвисттæ.
Электрон проектæн уыдзæн официалон презентаци, чиныг рауаддзысты мыхуыры дæр QR-кодимæ, стæй лæвар интернет-фæрæзтæм æрвитæнимæ. Рæхджы стыр æмæ чысыл театртæ райсдзысты лæвар рауагъд, альманахы алы пьесæ та суыдзæн Ирыстоны театралон æмæ литературон царды ахсджиаг цау.




