16 марта 2023, 11:31
Адæмон фронты активисттæ сарæзтой радон рейд æнæзакъон бырондæттыл
Сæ хъаст сæм бахастой горæты цæрджытæ
Адæмон фронты активисттæ сарæзтой радон рейд æнæзакъон бырондæттыл. Сæ хъаст сæм бахастой горæты цæрджытæ. Международныйы уынджы бырæттæ æрæмбырд сты мингай квадратон метры фæзуатыл. Арæзтадон бырæтты раз та ма æмбырд кæнынц æрвылбоны хауæддзæгтæ дæр. Адæмон фронты активисттæ бынаты æвзардзысты – кæд, цы хуызы æмæ кæй аххосæй фæзынди ацы æнæнзакъон бырондон, уый.
Иу бырондон ма сæвзæрд Попов хуторы, Цæгæр хохмæ схизæны раз. Арæзтадон æмæ æрвылбоны хауæддзæгтæ канд аив æддаг бакаст нæ халынц, фæлæ ма зиан хæссынц экологийæн дæр. Цæрджытæ хъаст кæнынц, бырæтты обæуттæ рæзынц тынг тагъд. Уымæй уæлдай ма Попов хутормæ Московскийы соса-фæндагæй бацæуæны рдыгæй дæр бырæттæ калд цæуынц.
темæмæ гæсгæ




