филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:53 воскресенье, 01 февраля 2026
21 марта 2023, 11:29
Дзæуджыхъæуы кусæг балцы уыд Узбекистаны генералон консул Цæгаткавказаг æмæ Хуссар федералон зылдты

Æрныхас ма кодтой дыууæвæрсыг æмгуыстады тыххæй, студентты кæрæдзийы ахуыргæнæндæттæм æрвитыны æмæ Узбекистаны практикæйы бындурты райрæзты тыххæй

Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты кусæг балцы уыд Узбекистаны генералон консул Цæгаткавказаг æмæ Хуссар федералон зылдты Бурхан Аликулов. Ректор Игорь Алексеевимæ бабæрæг кодта ахуыргæнæндоны музей. Уазджытæн равдыстой ирддæр экспонаттæ. Се хсæн – институты бæстыхæйтты макеттæ, стæй студенттæ æмæ рауагъдонтæ алы азты цы минералтæ самал кодтой, уыдон. Уый фæстæ уазджытæн уыд сæрмагонд фембæлд. Генералон консул се ппæтæн раарфæ кодта Наврузы бæрæгбоны фæдыл. Райдыдта абон. Æрныхас ма кодтой дыууæвæрсыг æмгуыстады тыххæй, студентты кæрæдзийы ахуыргæнæндæттæм æрвитыны æмæ Узбекистаны практикæйы бындурты райрæзты тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania