Архайдтой дзы Дигорайы 3 скъолайы ахуырдзаутæ
Дыгуры районы сывæллæтты экологон театр равдыста радон, 5-æм премьерæ – спектакль «Цыганское дерево». Архайдтой дзы Дигорайы 3 скъолайы ахуырдзаутæ. Кадджын уазджыты хсæн Дыгуры районы сæргълæууæг Цагъаты Сослан. Сывæллæтты экологон театр Дыгуры æвзонг натуралистты станцæйы педагог Елбайты Агнессæйы разамындæй кусы 4 азы. Спектакльты чысыл артисттæ аивады æвзагыл, зарджыты æмæ кæфтыты фæрцы радзурынц ахсджиаг фарстаты тыххæй. Премьерæтæ арæхдæр вæййынц Дигорайы 3-æм скъолайы. Театралон студийы фылдæр архайджытæ уым ахуыр кæнынц. Сæ педагогимæ ма рæзгæ фæлтæр бабæрæг кæнынц сидзæр сывæллæтты хæдзар «Надежда» Дур-Дуры. Фарон та Цæгат Ирыстоны Донбассæй цы сывæллæттæ уыд, уыдонæй равдыстой спектакль «Али-Баба æмæ æрдзы 40 хъахъхъæнæджы».




