23 марта 2023, 11:55
Адæмон фронт расидти егъау акци «Автопоезд»
Йæ фæрцы райдыдтой, алы рæттæм йæ бон бацæуын кæмæн у, ахæм транспортон фæрæзтæ æмбырд кæнын
Адæмон фронт расидти егъау акци «Автопоезд». Йæ фæрцы райдыдтой, алы рæттæм йæ бон бацæуын кæмæн у, ахæм транспортон фæрæзтæ æмбырд кæнын. Уый фæстæ сæ æрвитдзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Фыццаджыдæр сæ рвитдзысты, фылдæр цы дæлхайдты хъæуынц, уырдæм. Хъæуынц сæ УАЗтæ, Нивæтæ, Газельтæ æмæ квадроциклтæ. Стæй ма иу фиппаинаг – транспортон фæрæзтæ æмбæлгæ гæххæттытимæ хъуамæ цæттæ уой 10-æм апрелы онг.
темæмæ гæсгæ




