Йæ кусджытæн æмæ хъомылгæнинæгтæн арфæ ракæнынмæ Мæздæгмæ ацыдысты фæллойы æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Маматы Анжелæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ æмæ меценаттæ
Мæздæджы бинонты хъомыладæн æххуысы центр «Амонд» сбæрæг кодта йæ 28 азы бон. Йæ кусджытæн æмæ хъомылгæнинæгтæн арфæ ракæнынмæ Мæздæгмæ ацыдысты фæллойы æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Маматы Анжелæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ æмæ меценаттæ. Уæлдай æхсызгондæрæй центры сæмбæлынц сæ алы азты хъомылгæнинæгтыл. Педагогты хсæн ис, 25 азæй фылдæр ам чи кусы, ахæмтæ. Сидзæр сывæллæтты хæдзары кусджыты хсæн ис бинонты династитæ дæр. Сæ ныййарджыты бæсты бакусынмæ æрбацæуынц сæ кæстæртæ дæр. Абон центр «Амонд»-ы ис 23 хъомылгæнинаджы, уыдонæй аст скъолайы агъоммæ кары. Уазджытæ бæрæгбонмæ æрбацыдысты лæвæрттимæ. Сывæллæттæ та се ппæт æрбацæуджытæн дæр балæвар кодтой сæхи къухтæй кæй скодтой, ахæм сувениртæ.




