Йæ сæйраг нысан у кæстæр фæлтæрмæ Фыдыбæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын, абоны цардмæ фæндаг аразджытæн аргъ кæнын æмæ сæ хъуыды кæнын
Курдиæттæ исын райдыдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæимæ баст æмдзæвгæты конкурс «Помним сердцем»-мæ. Мадзал арæзт цæуы 6-æм хатт. Йæ сæйраг нысан у кæстæр фæлтæрмæ Фыдыбæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын, абоны цардмæ фæндаг аразджытæн аргъ кæнын æмæ сæ хъуыды кæнын. Ацы аз номинацитæ фæфылдæр сты – Хи фыст æмдзæвгæ, мадæлон æмæ уырыссаг æвзæгтыл æмдзæвгæ аив бакæсын, куыд скъоладзауты , афтæ хистæр кары адæмы хсæн дæр. Уыимæ ма раиртасдзысты хуыздæр нывты авторты. Куыстытæ 1-æм майы онг æрбарвитæн ис сæрмагонд почтæ – кет поэзия мэйл стъæлф ру-мæ. Æппæт æрмæджытæ дæр мыхуыргонд цæудзысты телеграм каналы. Финалисттæ та хуынд æрцæудзысты 6 – æм майы Хæзныдоны Фыдыбæстæйы Стыр Уæлахизы кадæн мадзæлмæ. Арæзт æрцæуы, «Салдаты ныййарæджы» цыртдзæвæны цур. Æвæрд æрцыд 6 азы размæ. Уыимæ дзы арæзт æрцæуы футболон турнир «Кет». Æппæт уæлахиздзаутæ дæр хорзæхджын æрцæуынц кады гæххæттæ, кубоктæ, зæрдылдарæн лæвæттæ æмæ æхцайы премитæ.




