Уыцы хъуыдыйы ногдзинадæй кæд ницы ис, уæддæр йæ цардвæндагмæ та алы хистæрдæр хъуамæ æвæрæн хæсса
Фидæны æнæниз, æхсæнадæн пайдайаг цæмæй уа адæймаг, ууыл кусын фæхъæуы рагагъоммæ. Уыцы хъуыдыйы ногдзинадæй кæд ницы ис, уæддæр йæ цардвæндагмæ та алы хистæрдæр хъуамæ æвæрæн хæсса. Уый чи æмбары ахæмтæ канд сæхи сывæллæтты райдзаст райрæзтыл нæ кусынц, фæлæ сæ алыварс чи ис, уыдоны цардыл дæр. Дзæуджыхъæуы Сапитскæйы хъæдбын ран алы райсом æрбамбырд вæййынц æнæнизцардыуаг парахат кæнджытæ. Ссæдз азæй фылдæрмæ дзы бацархайдта дзæвгар адæм. Иу фæлтæр иннæйы ивы, цы кадджын хистæртæ дзы архайы, уыдон сæ зоынындзинæдтæ нæ хæлæг кæнынц кæстæртæн. Скъоладзаутæ дæр, сæ ахуырæй уæгъд рæстæг, ам фæархайынц зæрдиагæй. Ирыстоны, кæстæр фæлтæры патриотон хъомыладыл кусæг Хъуыссæты Мæирбег та радон къорды схорзæхджын кодта, физкультурæ æмæ спорты министры номæй арфæйы гæххæттытæй. Кадджын мадзалмæ хуынд æрцыд Ирыстойнаг зылды префект Дзотты Ацæмæз, стæй æнæниз царды уаг чи парахат кæны сæхи дæнцæгæй, ахæм хистæртæ.




