04 апреля 2023, 11:04
Цæгат Ирыстоны йæ тыхы бацыд æфсадмæ сидыны уалдзыгон кампани
Уæрæсейы æфсæддонты рæнхъытæ баххæст кæндзысты 900 ирыстойнаг адæймагæй фылдæр
Цæгат Ирыстоны йæ тыхы бацыд æфсадмæ сидыны уалдзыгон кампани. Уæрæсейы æфсæддонты рæнхъытæ баххæст кæндзысты 900 ирыстойнаг адæймагæй фылдæр. Службæ кæндзысты алы регионты. Дзæуджыхъæуы æфсæддон комиссар Беджызаты Роберт куыд зæгъы, афтæмæй цы адæммæ фæсидой, уыдон нæ архайдзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы. Уалдзыгон сиддон кампани æххæст кæндзысты 15-æм июльмæ.
темæмæ гæсгæ




