Сабырдзинады символ кæй хонынц, уыцы мæргъты хуызы тыххæй зоны алцыдæр
Нæ радон сюжеты хъайтар Æмбалты Георгий дары бæлæттæ. Сабырдзинады символ кæй хонынц, уыцы мæргъты хуызы тыххæй зоны алцыдæр. Бæлæттæм уарзондзинад Георгийæн хуымæтæг хъуыддаг нæу. Фæлæ сæ 80 азы дæргъы йæхицæн дæр æмæ йæ алыварс адæмæн дæр хæссы циндзинад. 50 бæлонæй фылдæры зоны, куыд фæзæгъынц, «цæсгоммæ». Æмбалты Георгийы бæлондонмæ уæлдай цингæнгæйæ æрбацæуынц сыхаг сабитæ. Касаты Наирæ радзурдзæн бæлвырддæр.
Æмбалты Георгий бæлæтты кой куы фæкæны, уæд йæ цæстытæ цæхæр фæкалынц. Нырма Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг, 6 аздзыд лæппу уæвгæйæ райдыдта бæлæтты куыст кæнын, æмæ уæдæй абонмæ ацы хъуыддагыл иу хатт дæр нæ фæфæсмон кодта.
Раздæр Георгий уыди автобусы шофыр. Бæлæттæ иу сласта бæстæйы алы горæттæй, стæй, суанг фæсарæнтæй дæр. Ныртæккæ йæм ис 50 бæлоны. Зилы сæм раст сабиты хуызæн.
Бæлæттæ сæ хицауы æмбарынц цæстæнгасæй дæр. Æхситт куы фехъусынц, уæд та йæ фæзонынц, сихор афон сын кæй у, уый. Æмæ æрæмбырд вæййынц аходæн скæнынмæ. Бæлондоны царыл Георгий скодта сæрмагонд бынæттæ, æмæ хистæрдæр цы мæргътæ вæййынц, уыдон фæрæвдз вæййынц, æмæ уайтагъд хæрын райдайынц. Фæлæ, мæнæ ацы гыццыл бæлон йæ ахстонæй нырма æрæджы ратахт, æмæ хистæрты трюк сфæлхат кæнын нæма уæнды. Уый хыгъд, тагъд рæстæджы йæ бон уыдзæни арвмæ стæхын æмæ дзы цалдæр сахаты уæвын.
Бæлæтты бинонтæ хæстæгдæр рæстæг фæфылдæр уыдзысты. Гыццыл бæлæттæ цы хуызæн вæййынц, уый бирæтæ нæ зонынц. Мæнæ ацы цъиутыл цæуы 4 мæйы, нырма тæхын нæма зонынц. Ацы рæсугъд мæргътæ æрвылбон циндзинад хæссынц бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæн. Бæлондоны алыварс Георгий саив кодта, ныссагъта дзы алыхуызон дидинджытæ.
Георгий бæлæтты къухмæ исын никæйы уадзы. Афтæмæй сын гæнæн ис исты фыдбылыз æрхæссæн. Георгий сахатгай фæлæууы, æмæ фæкæсы йæ бæлæттæ арвыл куыд фæзилынц, уый. Уæд йæ зæрдыл æрлæууынц йæ сабибонтæ дæр, кæддæр иу бæлæттæ дардтой алы хæдзары дæр.




