13 апреля 2023, 11:21
Мæздæджы арæзт æрцыд кадджын æмбырд
Уым фæхъæздыгдæр сты æвзонг æфсæддонты рæнхъытæ
Мæздæджы арæзт æрцыд кадджын æмбырд. Уым фæхъæздыгдæр сты æвзонг æфсæддонты рæнхъытæ. Лæппутæ æмæ чызджытæ ацыдысты сæрмагонд цæттæгæнæн мадзæлттæ, æмæ сахуыр кодтой ардбахæрды рæнхъытæ.Æвзонг æфсæддонтæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты районы разамынды минæвæрттæ, «Хæстон æфсымæрады» мæздæггаг хайады сæрдар, ныртæккæйы службæгæнджытæ æмæ æфсæддон комиссарады кусджытæ. Фæстæдæр отрядты командæгæнджытæ сценæйæ бакастысты ардбахæрды ныхæстæ. 200 скъоладзауæй фылдæр фидарæй ныфс бавæрдтой, амæй фæстæмæ хорз ахуыр кæнынæй, æхсæнадæн пайадайаг уæвынæй, стæй паддзахады рæзтыл кусынæй. Кæронбæттæны фæсивæдæн радтой æвзонг æфсæддонты æвдисæндартæ.
темæмæ гæсгæ




