18 апреля 2023, 11:06
Дзæуджыхъæуы ацыд Александр Энглезийы чиныг «Умей радоваться»-йы презентаци
У цæгатирыстойнаг уацхæссæг, поэт æмæ авторы 23-æм сфæлдыстадон куыст
Дзæуджыхъæуы ацыд Александр Энглезийы чиныг «Умей радоваться»-йы презентаци. У цæгатирыстойнаг уацхæссæг, поэт æмæ авторы 23-æм сфæлдыстадон куыст. Æмдзæвгæты æмбырдгондыл автор куыста 2 азы. Æмæ презентацийы бон хуымæтæджы нæ равзæрстой. Чиныджы фæзынд баст уыд фыссæджы райгуырæн бонимæ. Презентацимæ бакæсынмæ æмæ раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты авторæн йе мкусджытæ æмæ йæ хæлæрттæ.
темæмæ гæсгæ




