18 апреля 2023, 11:08
ЦИПУйы арæзт æрцыд фембæлд автомобилон дугъ «Мир Кавказу»-йы архайджытимæ
Уыдон сты Хуссар федералон университеты минæвæрттæ
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты арæзт æрцыд фембæлд автомобилон дугъ «Мир Кавказу»-йы архайджытимæ. Уыдон сты Хуссар федералон университеты минæвæрттæ. Мадзалы нысан у Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты уæлдæр ахуыргæнæндæтты *хсæн ахастдзинæдтæ фидардæр кæнын. Автомобилон дугъ райдыдта 10-æм апрелы. Йæ архайджытæ бабæрæг кодтой Уæрæсейы Хуссар хайы 5 раззагдæр университеты. Ныхас кодтой экстремизмы профилактикæйыл, рæзгæ фæлтæры хъомылады фарстатыл.
темæмæ гæсгæ




