филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:23 воскресенье, 01 февраля 2026
19 апреля 2023, 11:30
Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды ныхас цыд, адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны фарстатыл

Программæйы архайынц республикæйы 4 муниципалон сконды

Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд æмбырд, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министрады, муниципалон скондты сæргълæуджытимæ æмæ подрядон организациты разамонджытимæ. Ныхас цыд, адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны фарстатыл. Программæйы архайынц республикæйы 4 муниципалон сконды: Дыгуры, Мæздæджы, Рахизфарсы районтæ, стæй Дзæуджыхъæу. Профилон министр Таматы Майрæн куыд загъта, афтæмæй 2019-æм азæй фæстæмæ баивын хъуыд 20 мин квадратон метры цæрæнуæттæ. Æдæппæтæй уый у 43 бирæфатерон хæдзары. Цардысты дзы 1 207 адæймаджы. Уыдонæй ног фатертæ ныридæгæн райстой 627 адæймаджы. 2022-æм азы хатдзæгтæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны пълан сæххæст кодта  107%. 2017-æм азы онг ма кæлæддзаг хæдзæрттыл нымад чи рцыд, уыдоны цæрджытæй 580 адæймаджы райсдзысты ног фатертæ. Программæ социалон æгъдауæй у тынг ахсджиаг, æмæ йæм республикæйы разамындæй цæуы бæстон цæстдард.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania