филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:23 воскресенье, 01 февраля 2026
20 апреля 2023, 11:17
Йе фсæддон æмæ медицинон хæс, стæй æцæг адæймаджы хæс сæххæст кодта уæлдайджынтæй

Александр Сеикаев райгуырд Бурятийы, фæлæ уæлдæр ахуырад райста Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты фармацийы факультеты

Йе фсæддон æмæ медицинон хæс, стæй æцæг адæймаджы хæс сæххæст кодта уæлдайджынтæй. Александр Сеикаев райгуырд Бурятийы, фæлæ уæлдæр ахуырад райста Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты фармацийы факультеты. Куыста Цæагт Кавказы æфсæддон хæйтты, уый фæстæ та æрвыст æрцыд сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Ацы аз январы Запорожьейы облæсты горæт Токмакы рынчындон фæци æхстыты бын. Уым Александр куыста медицинон батальоны командæгæнæгæй, æмæ баззад уæззау рынчынтимæ. Нæ сæ ныууагъта… Медицинон службæйы майорæн лæвæрд æрцыд Лæгдзинады орден, йæ амæлæты фæстæ. Рынчындон та нырæй фæстæмæ хæсдзæн йæ ном. Бæлвырддæр – Фидараты Маринæ.

31-æм декабры Александр Сеикаев арфæтæ кодта йæ педагогтæн. 3-æм январы та фæстаг хатт уыд социалон хызты. Уыцы бон йæ цард аскъуыд…

Медицинон службæйы майор уыдис йæ куысты бынаты, Запорожьейы облæсты рынчындоны. .  .

Александр Сеикаев райгуырд Бурятийы. Фæлæ уæлдæр медицинон ахуырад 2-130æм азы райста Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты фармацийы факультеты. Ахуыр кодта фæсаууонмæ. Уыцы рæстæг службæ кодта æфсæддон хæйтты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны, стæй Мæхъæлы республикæйы. Æнтысти йын кусын, ахуыр кæнын, йæ бинонтимæ æмæ сывæллæттимæ уæвын дæр.

Уæрæсейы хъахъхъæнынады Министрадæй куыд хъусын кæнынц, афтæмæй 3-æм январы 2023-æм азы реактивон системæтæ Хаймарсæй æхстыты бын фæци Запорожьейы облæсты горæт ТОкмакы рынчындон. Тæссаг уавæры фестадысты рынчындоны пациенттæ, медицинон санитарон батальоны æфсæддонтæ æмæ граждайнаг дохтыртæ. Райдыдта рынчынты эвакуаци. Медицинон батальоны командæгæнæг Александр Сеикаев баззад уæззау рынчынтимæ. Уыдоны раласыны фадат нæ уыд.

Александр Сеикаевæн, йæ амæлæты фæстæ, лæвæрд æрцыд Лæгдзинады орден. Нырæй фæстæмæ Запорожьейы облæсты рынчындон та хæсдзæн хъæбатыры ном. Уымæн æмæ уыд æцæг дохтыр, æцæг адæймаг æмæ æцæг патриот. Йæхи цард нæ бавгъау кæнгæйæ, аирвæзын кодта цалдæр адæймаджы царды.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania