филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:25 воскресенье, 01 февраля 2026
25 апреля 2023, 11:39
Æппæтадæмон акци «Сады памяти»-йы картæйы фæзынд ног бынат

Змейкæйы станицæйы хъæды кусджытæ æмæ волонтертæ ныссагътой 2 мины 6 сæдæ талайы

Æппæтадæмон акци «Сады памяти»-йы картæйы фæзынд ног бынат. Змейкæйы станицæйы хъæды кусджытæ æмæ волонтертæ ныссагътой 2 мины 6 сæдæ талайы. Афтæмæй ссардтой, оккупацийы рæстæг, немыцаг фашисттæ кæй амардтой, уыцы 55 æмхъæуккаджы рухс ном. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фыццаг аз Змейкæйæ фронтмæ ацыди 2 мин хæстонæй фылдæр. 1942-æм азы станицæ бацахстой немыц. Фæлæ уымæй дарддæр ацæуын сæ къухы нал бафтыд. 42-æм азы декабры станицæйы æрцыди Кавказ суæгъд кæныныл карздæр тохтæй иу. Немыцаг æфсæдты баурæдтой Æрджынарæджы бын. Хæсты быдырæй нал сыздæхтысты 641 адæймаджы. Сæ номарæн акцимæ сын се вæрæн бахастой районы цæрджытæ. Уæвгæ, ацы мадзæлттæ цыдысты æнæхъæн республикæйы дæр. Акци æххæстгæнгæйæ, ныссагътой 34 мин бæласы.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania