филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:36 воскресенье, 01 февраля 2026
26 апреля 2023, 12:04
Царды цыдимæ фылдæр гæнæнтæ

Дыгуры районы цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты ног арæзтæдтæм, нырыккон авналæнтæй æххæст бæстыхæйттæм

Царды цыдимæ фылдæр гæнæнтæ. Дыгуры районы цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты ног арæзтæдтæм, нырыккон авналæнтæй æххæст бæстыхæйттæм. Дигорайы цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй районы сæргъы Бердиты Солтан куы уыд, уæд ма дзы уыд, абоны хуызæн, егъау архайд.  Уæвгæ фехъусынæй фенын хуыздæр у, не сфæлдыстадон къорд бабæрæг кодта арæзтадон объекттæ, æмæ ныхасы бар Сосранты Жаннæйæн.

Дыгуры районы сæргълæууæг Цагъаты Сослан тынг зæрдиагæй дзуры ацы арæзтады цы æмæ куыд уыдзæн, уыдæтты тыххæй. Уыдзæн дзы культурон райрæзты центр. Дыууæуæладзыгон бæстыхайы арæзтады хæрзхъæддзинад дызæрдыггаг кæй нæ уыдзæн, ууыл дыууæ нæ зæгъы, чи йыл кусы, уыцы подрядон органицацийы сæргълæууæг.

Ацы центры  æрбынат кæндзысты, Дигорайы ныртæккæ сæ куысты уавæртæ раппæлинаг кæмæн не сты, уыцы куыстуæттæ. Дыгуры районы газеты редакци, библиотекæ, сывæллæтты сфæлдыстадон центр. Уæвгæ объекты фæзуат у дыууæ мин квадратон метрæй фылдæр. Уæлдай цин кæнынц Дигорайы кæй фæзындзæн стыр зал. Кæцыйы бынат уыдзæн 400 адæймагæн. Конд цæуы æппæт домæнтæ хынцгæйæ.

Уæдæ Урсдоны цæрджытæн дæр рæхджы фæзындзæн фылдæр гæнæнтæ. Кæронмæ дзы фæхæццæ кæны хъæуы культурон артдзæсты капиталон цалцæг. Кæд йæ райдианы куыстыты цыды уыд къуылымпытæ, уæд  ныр, цыбыр рæстæгмæ, артдзæст йæ хуыз райста. Йе ддаг бакастæй йæ мидæггаг къулты онг æппæт хъуыддæгтæ дæр конд æрцыдсты æмгъуыдмæ.

Дыгуры районы адæмы æнцон цардæн фылдæр гæнæнтæ аразыныл куыст кæй цæуы, уымæн бирæ æвдисæнтæ ис. Дигорайы дыууæуæладзыгон кæлæддзаг хæдзæртты цæрджытæ бирæ азты архайдтой, цæмæй сæ ракæной ног фатертæм, ууыл. Ныр сæ бæллиц царды йæ бынат ары. Сæрмагонд программæйы фæрцы сын арæзт цæуы æртæуæладзыгон хæдзар.

Дигорайы цæрджытæ цин кæнынц сæ ногдзинæдтыл. Горæты астæу канд Культурон райрæзты центрыл куыст нæ цæуы, фæлæ май æ цуры уыдзæн райдзаст фæлладуадзæн бынат.

Бæрæг куыд у, афтæмй федералон программæты фæрцы Ирыстоны бирæ, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм объекттæ арæзт æрцыдысты æмæ цæуынц. Дыгуры район дæр дзы фæхайджын. Ныртæккæ дзы куыст цæуы 15 объектыл. Цагъаты Сосланы ныхæстæм гæсгæ сæйрагдæр у проектон – сметон гæххæттытæ скæнын.

Цард цæуы æмæ фарн хæссы, фæзæгъынц. Дыгуры районы арæзтадон объекттыл афæлгæсгæйæ, уыцы  хъуыдыйы мидис хъуыддæгтæй фенæн ис. Афæдзы кæронмæ та хъуамæ се ппæт дæр пайдайаг суой районы цæрджытæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania