филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:40 воскресенье, 01 февраля 2026
27 апреля 2023, 11:15
Зæронд коммуникацитæ, санитарон домæнтæ хæлд: ахæм уавæрты цæрынц Æфсæнвæндаджы фæрсуынджы хæдзары цæрджытæ

Бæстыхай арæзт æрцыд ивгъуыд æнусы 30-æм азты

Зæронд коммуникацитæ, тæдзгæ цартæ, санитарон домæнтæ хæлд. Ахæм уавæрты бирæ азты цæрынц Æфсæнвæндаджы фæрсуынджы бирæфатерон хæдзары цæрджытæ. Бæстыхай арæзт æрцыд ивгъуыд æнусы 30-æм азты. Æмæ æрмæст уый тыххæй кæлæддзаг нæу. Бындурон цалцæгæн фæрæзтæ нæ фаг кæны. Адæм сæ хъаст алы ведомствæтæм хастой. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Этери Карели ацы хæдзары цæры йæ райгуырдæй фæстæмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй фатер радтой йæ мадыфыдæн, куыд æфсæнвæндаджы кусæгæн. Ам райгуырд йæ мад, уый фæстæ та Этери йæхæдæг дæр. Хъуыды ма кæны, кæрт зылд куы уыдис, хæдзар та аивгонд, уый. Бæстыхай арæзт æрцыд 1935-æм азы. Абон дзы ис бирæ лыггæнинаг фарстатæ. Коммуникацитæ базæронд сты, цартæй тæдзы.

Ацы къуылымпыдзинæдтæ хъуамæ раст кодтаиккой разамынддæттæг компанитæ. Уыдон та ивтой иу иннæйы фæдыл. Ахæм хæдзаримæ архайын зын у, уæлдайдæр та техникон лæггад кæнынæн фиддонтæ чысыл кæй æмбырд кæнынц, уымæ гæсгæ. Фæлæ цæрджытæм ацы хъуыддагмæ æндæр цæстæнгас ис.

Сæ фарстаты тыххæй цæрджытæ радзырдтой Адæмон фронты стримы федералон каналтæй иуы эфиры. Æхсæнадон архайджытæ зæрдæ бавæрдтой, кæй баххуыс кæндзысты уавæр равзарын. Сæмбырд кодтой экспертты. Хæдзары кæрты цæрджытимæ сæмбæлдысты Парламенты, разамынддæттæг компанийы, бындурон цалцæджы фонды минæвæрттæ. Адæмæн загътой, фыццаджыдæр, уал кæй хъæуы фиддонтæ фылдæр æмбырд кæнын. Ныртæккæ сæ бæрц 20 процентæй чысыл фылдæр у. Æмæ, кæд хæдзар бындурон цалцæджы программæмæ хаст у, уæддæр ацы хъуыддаг сæххæст кæнынæн иумæйаг æмбырдгонд фæрæзты бæрц хъуамæ уа 80 проценты æмæ фылдæр.  

Бындурон цалцæг ам æнæмæнг хъæуы, æмæ цас раздæр, уыйбæрц хуыздæр. Ахæм уавæртæн ис цыбыр æмгъуыдмæ программæ 3 азæн. Цæттæ йæ кæны Дзæуджыхъæуы администраци. Курдиат бадæттын хъæуы Хицауады цур ведомствæты *хсæн къамисмæ.

Адæмон фронты минæвæрттæ зæрдæ бавæрдтой, ацы хъуыддагмæ цæст дарынæй.

Ныртæккæ бирæ аразгæ у цæрджытæн сæхицæй. Гæххæттытæ сæмбырд кæнын æмæ курдиат раст ныффыссын ныр у сæйраг хæстæй иу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania