филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:50 воскресенье, 01 февраля 2026
27 апреля 2023, 11:18
Мæскуйы нациты хæдзары  арæзт æрцыд дыгурон æвзаг æмæ  литературæ иртасыны фарстаты фæдыл конференци

Ирыстоны фысджытæ, æвзаг иртасджытæ æмæ ахуыргæнджытæ бацæттæ кодтой цымыдиссаг докладтæ

Мæскуйы нациты хæдзары  арæзт æрцыд дыгурон æвзаг æмæ  литературæ иртасыны фарстаты фæдыл конференци. Ирыстоны фысджытæ, æвзаг иртасджытæ æмæ ахуыргæнджытæ бацæттæ кодтой цымыдиссаг докладтæ. Мадзалы цыдимæ нæ базонгæ кæндзæн Сосранты Жаннæ.

Хӕзнаты хӕзна – ӕвзаг! Йӕ бахъахъхъӕныны нысаниуӕгимӕ арӕзт цӕуы бирӕ мадзӕлттӕ. Се хсӕн ӕрвылазон конференцитӕ. Иу хаттӕй иннӕмӕ, ӕвзагзонынады ӕркӕсинаг фарстатӕ къаддӕр нӕ кӕнынц. Уый бафиппайдтой Дыгурон ӕвзаг ӕмӕ литературӕ раиртасыны нысаниуӕгимӕ  конд фембӕлды рæстæг.

Зонадон конференци арӕзт ӕрцыд Мӕскуыйы нациты хӕдзары филолгон наукӕты  доктор Тахъазты  Валерийы хъӕппӕрисӕй. Докладтӕ дзы скодтой  Цӕгат Ирыстоны иртæстыты институты хистӕр наукон кусӕг, филологон наукӕты доктор Тахъазты Федар, юридикон наукӕты кандидат  Миндзайты Марат, журнал «Ирӕф»-ы сӕйраг  редактор Скъодтаты Эльбрус, стӕй наукӕ, ахуырад ӕма культурӕйы минӕвӕрттӕ. Адӕмы цурмӕ рахастой сӕ хъуыдытӕ  ӕвзаг ахуыр кӕныны ног методикӕты фӕдыл. Уыимӕ фӕбӕрӕг кодтой культурон, сфӕлдыстады къабӕзты фылдӕр парахат кӕнын кӕй хъӕуы, мадӕлон ӕвзагыл куыстытæ.  Уӕрӕсей Федерацийы сгуыхт артист Сӕбанты Тамерланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хорз уаид Дыгурон Паддзахадон театрӕн хи бӕстыхай куы фӕзынид. Цӕмӕй дзы  парахатдæрæй цӕуа  сфӕлдыстадон куыст.

Ӕвзаг фæлтӕртӕм хӕццӕ кӕнгӕйæ ӕнӕ пайда кӕнӕн нӕй нырыккон гӕнӕнтӕй. Уый хынцгӕйӕ ӕрыгон ӕвзаг иртасӕг    Будайты Мурат бакуыста электрон – онлайн дзырдуатыл. Йӕ презентаци арӕзт ӕрцыд дыгурон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы конференцийы рӕстӕг. Онлайн-дзырдуат  ӕххӕстгонд у ӕртӕ ӕвзагӕй. Хаст æм ӕрцыдысты  дыгурон, уырыссаг ӕмӕ   англисаг дзырдтӕ. Тахъазты Валер ма куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй Цæгат Ирыстоны Хицауад зæрдæ æвæры Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты дыгурон æмæ фæрсийы æвзæгтæ ахуыргæнæн хайад кæй байгом уыдзæн, уымæй.  Йæ фæрцы æмгуыстад фæахадгæдæр уыдзæн турчы цæрæг ирон æмæ дыгурон дзырд хъахъæнджытимæ

Мæскуыйы арæзт æрцыд дыккаг конференци. Фыцаг та уыд Дзæуджыхъæуы. Йæ фæрцы бындур æвæрд æрцыд мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны куыстæн. Рæстæг куыд амоны, афтæмæй уымæн йæ ратæдзæн у скъолайæ. Уымæ гæсгæ та скъоладзаутæн скæнын хъæуы æвзаг ахуыр кæнынæн увæртæ, загътой конференцийы архайджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania