02 мая 2023, 12:13
Дзæуджыхъæуы маршрутыл рацыди сывæллæтты фыццаг трамвай-кафе
Тематикон вагон æрвылбон тезгъо кæндзæн горæты уынгтыл
Дзæуджыхъæуы маршрутыл рацыди сывæллæтты фыццаг трамвай-кафе. Тематикон вагон æрвылбон тезгъо кæндзæн горæты уынгтыл. Йæ дæгъæл ын «Владтрамвайы» минæвæрттæн кадджын уавæры радта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Æвзонг бæлццæттимæ куыстой аниматортæ, сывæллæттæн бацæттæ кодтой æцæг бæрæгбон. Суазæг сæ кодтой алыхуызон адджинæгтæй. Вагоны ис 30 бынаты. Æвдыст дзы цæуынц мультипликацион нывтæ, уыимæ ирон æвзагмæ тæлмацгондæй. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ травмай ахæм хуызы арæзт æрцыди, Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй. Йæ бындуры ис, 80-йæм азы уагъд чи рцыди, ахæм трамвай. Специалисттæ йæм базылдысты, нывгæнджытæ та йæ аив скодтой.
темæмæ гæсгæ




