04 мая 2023, 11:14
Республикæйы донæй ифтонг кæныны куыстуат фæлхасгæнджытæн лæггæдты ног центр байгом кодта Пушкинскийы уынджы
Уазал донæн ам бафидæн ис æнæ проценттæй
Республикæйы донæй ифтонг кæныны куыстуат фæлхасгæнджытæн лæггæдты ног центр байгом кодта Пушкинскийы уынджы 45-æм хæдзары. Уазал донæн ам бафидæн ис æнæ проценттæй. Ис дзы абоненттимæ кусынæн 11 рудзынджы, уырдæм бадæттæн ис курдиат, æмæ адæймаг райсдзæн хъæугæ информаци. Уыимæ, донбарæн æрмæджы бæрæггæнæнтæ, стæй фиддонтæ ногæй банымайын, кæнæ та абонентты базæмæ ног бæрæггæнæнтæ бахæссын. Ног бæстыхайы ис 3 хайады – хицæн адæмы лæггæдты, дон хардз кæныны æмæ йæм цæстдарды, стæй юридикон бæрнондзинад кæуыл ис, ахæм адæмæн æххуысы хайæдтæ.
темæмæ гæсгæ




