филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:20 воскресенье, 01 февраля 2026
04 мая 2023, 11:16
Ольгинскæйы мемориалон фæйнæг байгом кодтой Зыгъуытаты Черменæн

Уый фарон фæмарди сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы

Ольгинскæйы мемориалон фæйнæг байгом кодтой Зыгъуытаты Черменæн. Уый фарон фæмарди сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. Фæйнæг бафидар кодтой, Чермен кæм царди, уыцы хæдзары къулыл. Сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ кæстæр сержант Зыгъуытаты Чермен уыди фыццæгты æмрæнхъ. Хъæбатырæй фæмарди Харьковы облæсты. Мемориал байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой хъæбатыры хиуæттæ, йæ ахуыргæнджытæ, йе фсæддон хæлæрттæ æмæ æмхъæуккæгтæ. Уымæй уæлдай, Ольгинскæйы скъолайы кълæстæй иуæн радтой Зыгъуытаты Чермены ном.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania